Ирон æвзаджы бæрæгбон (зæлы ирон музыкæ ) Хъом-г: Почему же ты звучишь всё реже? Отчего же ты родной мой сник? Без тебя любые звуки скрежет, А ведь был когда-то ты велик… В жертву принесли тебя другому, Сами к эшафоту подвели Как же мы могли прийти к такому О, Всевышний, мой язык спаси! Реб-к: Говорите, люди, громче говорите На прекрасном нашем языке. Выше к небу, к солнцу поднимите, Что он жив узнают пусть везде. Да, ты жив! И жить ты будешь вечно! Пусть горит величием твой лик. И пусть путь твой будет бесконечным Осетинский наш, родной язык! Абон у нæ ирон æвзаджы бæрæгбон. Махмæ Ирыстоны фæзæгъынц, Уазæг, Хуыцауы уазæг у! Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут уе’ппæт дæр. Уе ‘ппæт дæр стут Хуыцауы уазджытæ æмæ махæн тынг æхсызгон у, абон кæй æрбамбырд стæм, уый. Цард бæллиццаг у уæд, кад дын куы кæной, цы адæмы хсæн цæрыс, уыдон. Фæлæ кады аккаг та уыдзынæ уæд, æмæ куы зонай, куы уарзай дæ мадæлон æвзаг! 1. Ды ма рох кæн дæ мадæлон æвзаг Дæуæй уыдæзн уый сом боны сæрыстыр. Æмæ ныххойы зæрдæйы къæсæртæ Æрмæстдæр уый, мæ мадæлон æвзаг! 2. Ирон ныхас – цæугæ кадæг, Нæ фæндагыл æрвхуыз суадон. Ирон æвзаг, ирон зарæг – Нæ фарны сæр, нæ хæзнадон! 3. Тæрсын , ирон куы нал дзура иронау Куы байрох уа нæ мадæлон æвзаг. Фыдрæстæг ныл куы ныддаргъ уа, куы бонау Куы ‘ркъуыра махыл йе’схъæл къах ызнаг. Как известно, язык является тем родником, который иссохнет и зачахнет, если к нему не будут ходить по чистую воду. Но его необходимо ещё и хранить от засорения. Для многих народов мира родной язык и является таким источником. Не исключение – и Северная Осетия, где живут носители осетинского языка. Ежегодно 15 мая у нас отмечают день осетинского языка и литературы. Праздник довольно молодой , впервые его начали отмечать в 2002 году. День осетинского языка совпадает с днём выхода в свет книги «Ирон фæндыр» Коста Хетагурова, основоположника осетинской литературы. Первая книга на осетинском языке вышла именно 15 мая 1899 года. Осетинский язык красивый, богатый, но в тоже время- очень сложный, в чём вы не раз убеждались. И поэтому сегодня мы будем говорить не только на осетинском языке, но и на русском, чтобы все понимали о чём идёт речь. А говорить мы будем об Осетии и его языке. 4. Дороже нет на свете края, Перед тобой склоняюсь я. Осетия моя родная. Священная моя Земля! 5. Сабырдзинад дæ зæххыл уæд Дидин æфтау фæрнæй. Мæ Ирыстон, зæххы цъарыл Дæуæй зынаргъдæр нæй! 6. Я люблю тебя Осетия, Как сын свою родную мать. И я , как наш Коста великий, Жизнь за тебя готов отдать! За нашу землю, горы наши, Что видят орлов полёт. За смелый , гордый, гостеприимный, За осетинский наш народ. 7. Ды, Ирыстон, - мæ зарæг! Ды, Ирыстон, - мæ уалдзæг! Ды, Ирыстон, нæргæ цæр Уæд дæ фæндаг уæрæхдæр. 8. Иры бæстæйæ мын адджындæр нæй, Кæмттæй ызгъорынц йæ дæттæ фæрнæй. Рог дымгæ , сис-ма мæ зарæг бæрзонд. Ивы рæсугъддæрмæ Ирæн йæ конд. Как много же прекрасного вокруг Куда не кинешь взор. Всё это родина моя Любимый Иристон. Зарæг « Уарзæм дæ, Ирыстон!» Дунейы фарн зæгъæд, æмæ алы ирон дæр куыд уа цæсгомджын ирон фарнæй, алы ирон дæр куыд уа хайджын Къостайы взагæй! 9. Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ. Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй, Рухсмæ æнæзивæг цомут æмгомæй! Рæстдзинад уарзынæй скæнæм нæ фæндаг, - Гъе марза, магусæг . фесæф нæуæндаг! 10.Гæлæбу сыфтæрыл кодта фынæй Дымгæ та бирæгъау ниудта хъæрæй Гæлæбу дымгæмæ фехъал, фæтарст. Сыфтæры бынæй – иу сонтæй фæкаст. Гæлæбу , гæлæбу иунæгæй цард Дидинты мысгæйæ кодта æнкъард Уалынмæ хурзæрин арвæй æркаст Дымгæ фæсабыр и дымгæ фæтарст. 11.Сæныккæн хизынæй фесæфт йæ мад. Баззади сидзæрæй, алы бон тад. Урс æхсыр мондагæй уасыд, куыдта. Марди æххормагæй, дзидзи куырдта. Уалынмæ базыдта хизын, кæрдæг,Цъæх фæзмæ райдыдта уайын цæрдæг. Бафсæды кæрдæгæй, баназы дон, Афтæмæй хъæлдзæгæй арвиты бон. 12.Бон изæрмæ кадджытæ мах фæкæнæм фаг. Зæрдæйæн куыд адджын дæ мадлон æвзаг! Мады рæвдыд, мады ад базыдтам дæуæй Цас уарзын ирон æвзаг уый зæгъæн дæр нæй! Зарджытæ: « Гино», «Уасæг». Ныр та уын равдисдзыстæм сценкæ «Хъазы цъиу йæ мады куыд агуырдта» Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц йæ бинонтæ, йæ мад! Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы йæ рæзгæ бонты цард. Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, дæуæн æмбал кæм и? Дæуæй зынаргъдæр, адджындæр,- « зæгъма мын чи у, чи?» Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд, Фыдыбæстæ дæуæй Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр нæ уыди æмæ нæй! 13.Любой язык по-своему велик, Бесценное наследство вековое. Так берегите свой родной язык, Как самое на свете дорогое. 14.Кто путь забыл к родительскому дому. Тот не заслуживает сам любви большой. Кто равнодушен к языку родному, Тот и к чужому холоден душой. 15.Ирон туг и мæ уæнгты, Ирон ыстæг, ирон уд. Нæртон гуырдты фæндæгтыл Цæуын мæнæн æхцон у! 16.До конца своих дней благодарен судьбе За то, что как птица свободен Я рождён на святой осетинской земле Аланов потомок я гордый! 17.На склонах седого Кавказа Средь белых и снежных вершин. Кто-то высек навеки из камня: «Гордись тем, что ты осетин!» « Фиййауы зарæг» Хъазт «дæ ахстон ыссар» Мæргъты дæр хъæуы хæдзар Уа цæмæй рæсугъд сæ цард. Ахстæттæ ыскодтам мах Ног къуымты цæрдзыстут тагъд. 18.Когда с природой я наедине, То различаю языки земные: Беседуют деревья в тишине. Друг с другом птицы говорят лесные. Всё в языке: рожденье, первый шаг. Любовь и смерть, и жизнь на новом взлёте. И если вдруг исчезнет мой язык, То и меня вы больше не найдёте! 19.Один исток у осетин и русских В скифско-сарматских далях прожурчал. Когда в ущельях каменных и узких Крутых столетий путь свой начинал. Один исток, но разный ритм движенья На карте мира созерцаем мы Ну и зачем стратегия разброда Когда исток во все века один? Ведь ближе нет для русского народа, Чем древнее созвездье осетин. Кæфтытæ: «Хонгæ», «Гапачок» Презентации «Мæ Ирыстон» Стыр бузныг уын. Уарзут уæ мадæлон æвзаг, мадæй зынаргъдæр нæй, мады руаджы базонæм, цы взагыл дзурæм, уый, æмæ йын кад кæнын хъæуы цæрæнбонты! 20.Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори, Æмæ куы сæфай (мА зæгъæд ызнаг),Дæуимæ сæфы дунейы истории. 21.Къостайы тугæй фыст ныхæстæ Æз федтон ивгъуыд дуджы уаг. Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты Нæ ирон мадæлон æвзаг! Зарæг «Сабиты зарæг». Æрыдоны 11-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг: Апайты Дианæ 2015 аз